Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 2:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта, бонӕй-бонмӕ ӕфтыди Йӕ зондыл, Хуыцауы фарнӕй хайджын уыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 2:40
17 Iomraidhean Croise  

Хуыцау — нӕ ныфсы мӕсыг, нӕ хъару, тагъд ӕххуысгӕнӕг — алы фыдбылызы.


Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта уд ӕмӕ буарӕй. Цалынмӕ йын Израилы адӕмы размӕ рацӕуыны афон нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ цардис ӕдзӕрӕг рӕтты.


Чи Йӕм хъуыста, уыдон Ын иууылдӕр Йӕ зонд ӕмӕ дзуаппытыл дис кодтой.


Йесо куыд рӕзыд, афтӕ ӕнтыстджындӕр уыди уӕлзондӕй, ӕмӕ Йӕм фылдӕр кодта Хуыцау ӕмӕ адӕмы уарзондзинад.


Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.


Апостолтӕ та стыр тыхимӕ ӕвдисӕн лӕууыдысты Бардарӕг Йесойы райгасӕн, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр хайджын уыдысты Хуыцауы стыр хорзӕхӕй.


Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.


Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй.


Сылгоймагӕн фырт райгуырди, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Самсон. Лӕппу рӕзыди Дунедарӕджы арфӕимӕ.


Самуел та лӕггад кодта Дунедарӕджы хӕдзары ӕмӕ, кӕд нырма ӕвзонг уыди, уӕддӕр дардта ефод, гӕнӕй уафт хъуымацӕй.


Дунедарӕг ӕркаст Аннӕмӕ, ӕмӕ та ус банхъӕлцау ис. Ныййардта ма ӕртӕ лӕппу ӕмӕ дыууӕ чызджы. Ныр ӕвзонг Самуел та хъомыл кодта Дунедарӕджы хӕдзары.


Ӕвзонг Самуел та куыд хъомыл кодта, афтӕ йыл тынгдӕр радысты Дунедарӕг ӕмӕ адӕм.


Самуел ралӕг ис, ӕмӕ Дунедарӕг уыд йемӕ: Самуел цыдӕриддӕр загътаид — ӕрцыди-иу.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan