33 Йесойы тыххӕй цы загъта, уый диссаг фӕкасти Сабийы фыд ӕмӕ мадмӕ.
Мӕнӕ ӕз ӕмӕ мын Дунедарӕг кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ. Мах Израилӕн стӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Сионы хохыл цӕрӕгӕй. Мах стӕм Сионы хохыл цӕрӕг Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ рагнысӕнттӕ Израилӕн.
Йесо адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты дуармӕ, уыдоны дӕр фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын.
Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд, Йӕ фӕдыл чи цыди, уыдонӕн, дисгӕнгӕйӕ, загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: суанг Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон.
Фыййӕутты ныхӕстӕ, чи сӕ фехъуыста, уыдоны се ’ппӕты дӕр стыр дисы бафтыдтой.
Ныййарджытӕ Йӕ уым куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Мад Ын загъта: «Хъӕбул, уый нын цы бакодтай? Тынг Дыл мӕт кодтам ӕмӕ Дӕ агуырдтам Дӕ фыдимӕ».
Ӕмӕ сын адӕмы раз Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕцаразын нӕ бантысти. Йӕ дзуапп сӕ дисы бафтыдта, ӕмӕ ныхъхъус сты.
Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты, Хуыцау куыд хъомысджын у, ууыл. Йесо цыдӕриддӕр арӕзта, уыдон дӕр стыр диссагӕн куы хастой, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: