3 Алчи йӕхи ныффыссын кӕнынмӕ цыди йӕхи сахармӕ.
Хеттаг Ефрон бадти йе ’мбӕстӕгты ’хсӕн ӕмӕ, сахары кулдуармӕ цы хеттӕгтӕ ӕрӕмбырд ис, уыдон ӕй иууылдӕр куыд хъусой, афтӕ Авраамӕн загъта:
Уыцы рӕстӕг кесӕр Август уынаффӕ рахаста ӕппӕт бӕстӕйы цӕрджыты сфыссыны тыххӕй.
Ацы сфыст уыди фыццаг; арӕзт ӕрцыди, Сирийӕн Квирини хицауиуӕг куы кодта, уыцы заманы.
Йосиф дӕр галилейаг сахар Назаретӕй араст ис Иудеймӕ, Вифлеем кӕй хонынц, Давиды уыцы сахармӕ, уымӕн ӕмӕ Давиды байзӕддаг уыди.
Йемӕ ракодта йӕ усаг Мариайы дӕр, цӕмӕй сӕхи ныффыстаиккой. Мариа та йӕхи бар нӕ уыди,