28 уӕд Ӕй Симеон йӕ хъӕбысмӕ райста, арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ загъта:
Дунедарӕджы уынаффӕ та — ӕнустӕм, Йӕ зӕрдӕйы фӕндон — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.
Ӕмӕ сабиты Йӕ хъӕбысы ӕрбатыхта, Йӕ къухтӕ сыл авӕрдта ӕмӕ сын раарфӕ кодта.
Стӕй сын сӕ размӕ ӕрбахуыдта сывӕллоны, ӕрбахъӕбыс ӕй кодта ӕмӕ сын загъта:
Уӕд Мариа загъта: «Стауы мӕ зӕрдӕ Дунедарӕджы!
Уыцы тӕккӕ уысм Захариа йӕ дзыхӕй сдзырдта, ӕмӕ уыйадыл райдыдта дзурын, кад кодта Хуыцауӕн.
«Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта.
Фыййӕуттӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты, цы фехъуыстой ӕмӕ цы федтой, уыдӕтты тыххӕй кадджын кодтой Хуыцауы. Алцы дӕр рауад, зӕд сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
Сыгъдӕг Уд ӕй сразӕнгард кодта Кувӕндонмӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ, Моисейы Ӕгъдау сӕххӕст кӕныны тыххӕй Йесойы ныййарджытӕ Сабийы Кувӕндонмӕ куы бахастой,
«Бардарӕг Хуыцау, Дӕ цагъарӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ мӕ ӕрвитыс ныр фарнимӕ:
Израилы адӕм дӕр уыцы хабарыл бацин кодтой ӕмӕ Хуыцауӕн раарфӕ кодтой. Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгты ныхмӕ схӕцыны фӕнд аивтой ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ гӕныстон кӕнынмӕ нал бавнӕлдтой.