27 Сыгъдӕг Уд ӕй сразӕнгард кодта Кувӕндонмӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ, Моисейы Ӕгъдау сӕххӕст кӕныны тыххӕй Йесойы ныййарджытӕ Сабийы Кувӕндонмӕ куы бахастой,
Ӕлхӕды ӕвдисӕндар райстон — иу дзы сфидар кодтон мыхуырӕй, иннӕуыл та мыхуыр ӕвӕрд нӕ уыд, —
Уӕд Сыгъдӕг Уд Йесойы акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй Йӕ хӕйрӕг бафӕлвара.
Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ссыгъдӕг кӕныны фӕтк ахицӕн кӕныны афон куы ӕрцыди, уӕд Йесойы ахастой Йерусалиммӕ, Хуыцауы размӕ,
уӕд Ӕй Симеон йӕ хъӕбысмӕ райста, арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ загъта:
Йесойы ныййарджытӕ Куадзӕны бӕрӕгбоны ӕрвылаз Йерусалиммӕ цыдысты.
Ныййарджытӕ Йӕ уым куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Мад Ын загъта: «Хъӕбул, уый нын цы бакодтай? Тынг Дыл мӕт кодтам ӕмӕ Дӕ агуырдтам Дӕ фыдимӕ».
Йесо рацыди семӕ, Назаретмӕ ӕрбаздӕхтысты, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр касти сӕ коммӕ. Мад та уыцы цау йӕ зӕрдыл бадардта.
Йесо, Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, ӕрбаздӕхти Иорданӕй, ӕмӕ Йӕ Сыгъдӕг Уд акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ.
Ныр Петрӕн та йӕ хъуыдытӕ уыдысты, цы федта, ууыл. Сыгъдӕг Уд ын загъта: «Ӕртӕ лӕджы дӕ агурынц дӕлӕ.
Сыгъдӕг Уд мын загъта, цӕмӕй ӕз ӕнӕгуырысхойӕ ацӕуон семӕ. Мемӕ араст сты ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Корнелийы хӕдзармӕ.
Мисийы арӕнмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд архайдтой Вифинимӕ ацӕуыныл, фӕлӕ сӕ Йесойы Уд уырдӕм нӕ бауагъта.
Сыгъдӕг Уд Филиппӕн загъта: «Баййаф уыцы къарет ӕмӕ цу йӕ фарсмӕ».
Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,
Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ фӕстейӕ фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс, сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн: «[Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]
Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард, зӕд мӕ акодта ӕдзӕрӕг ранмӕ, ӕмӕ федтон, сырх сырдыл чи бадти, уыцы сылгоймаджы. Сырдыл фыст уыдысты Хуыцауы фауӕн бирӕ нӕмттӕ, уыдис ын авд сӕры ӕмӕ дӕс сыкъайы.