Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 2:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Уыимӕ, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нывондӕн хъуамӕ ӕрхастаиккой «дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 2:24
5 Iomraidhean Croise  

Исчи Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн маргъ куы хӕсса, уӕд равзарӕд ӕхсинӕг кӕнӕ бӕдул бӕлон.


«Сылгоймаг лӕппу куы ныййара, уӕд авд боны дӕргъы уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, ӕрвылмӕйон низӕй куы фӕтыхсы, уӕд куыд фӕчъизи вӕййы, афтӕ.


Кӕд йӕ къух нӕ амона дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны нывондӕн ӕрхӕссын, уӕд тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн нывондӕн ӕрбахӕссӕд хуын — мӕнӕуы ссад, ефӕйы дӕсӕймаг хай. Ӕрмӕст ыл уӕлейӕ оливӕйы сой ма ӕркӕнӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ уый тӕригъӕды нывонд у.


Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan