2 Ацы сфыст уыди фыццаг; арӕзт ӕрцыди, Сирийӕн Квирини хицауиуӕг куы кодта, уыцы заманы.
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.
Уыцы рӕстӕг кесӕр Август уынаффӕ рахаста ӕппӕт бӕстӕйы цӕрджыты сфыссыны тыххӕй.
Алчи йӕхи ныффыссын кӕнынмӕ цыди йӕхи сахармӕ.
Уыцы цау ӕрцыди кесӕр Тиверийы паддзахиуӕджы фынддӕсӕймаг аз. Уӕд Понтий Пилат хицауиуӕг кодта Иудейы, Ирод — Галилейы, йе ’фсымӕр Филипп — Итурей ӕмӕ Трахониты, Лисани — Абилинийы,
Вар-Йесо уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы, тынг зондджын лӕджы, ӕввахсдӕр адӕмӕй иу. Сергий Павел фӕсидти Варнавӕ ӕмӕ Савлмӕ, фӕндыд ӕй Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын.
Фӕлӕ Ахайӕн йӕ хицау Галлион куы уыди, уӕд иудейӕгтӕ ӕмвӕндӕй балӕбурдтой Павелмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой тӕрхондонмӕ,
«Клавдий Лисийӕ — бӕстӕйы хицаумӕ, кадджын Феликсмӕ. Фӕрнджын у.
Павел афтӕ куы загъта, уӕд паддзах, бӕстӕйы хицау, Верникӕ, стӕй, семӕ чи бадт, уыдон иууылдӕр сыстадысты.
Уый фӕстӕ, адӕмы сфысты рӕстӕг, фӕзынди галилейаг Иудӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл асайдта дзӕвгар адӕм. Фӕлӕ йӕ амардтой, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдон ныххӕлиу сты.