Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 2:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Мариа та сӕ йӕ зӕрдыл бадардта ӕмӕ сыл арф ныхъхъуыды кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 2:19
10 Iomraidhean Croise  

Ӕфсымӕртӕн сӕ маст рафыхт Йосефмӕ, фӕлӕ фыд ацы хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл бадардта.


Мӕ фыд мын-иу ахӕм зонд амыдта: «Мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕр.


Ууыл фӕци ныхас. Ӕз, Даниил, стыр тасы бацыдтӕн, хуызы цъыртт мӕ нал баззад, фӕлӕ, цыдӕриддӕр фехъуыстон, уыдон мӕ зӕрдӕйы арф бавӕрдтон».


Ефрем, гуымирытимӕ Мӕнӕн иумӕйагӕй цы ис? Сымах тыххӕй дзуапп дӕр Ӕз дӕттын ӕмӕ уыл мӕт дӕр Ӕз кӕнын. Ӕз дӕн, ӕдзух цъӕх чи дары, уыцы кипарисау, уӕ бӕркад рацӕуы Мӕнӕй».


Хабар-иу чи фехъуыста, уыдон-иу хъуыдыты аныгъуылдысты ӕмӕ сӕхинымӕр дзырдтой: «Чи уыдзӕн, цымӕ, уыцы сывӕллон?» Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Хуыцау уыдис Иоаннимӕ.


Фыййӕутты ныхӕстӕ, чи сӕ фехъуыста, уыдоны се ’ппӕты дӕр стыр дисы бафтыдтой.


Йесо рацыди семӕ, Назаретмӕ ӕрбаздӕхтысты, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр касти сӕ коммӕ. Мад та уыцы цау йӕ зӕрдыл бадардта.


Давид уыцы ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл бадардта ӕмӕ тынг фӕтарсти Гаты паддзах Ахишӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan