Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 2:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Сывӕллоны баййафдзыстут хӕцъилты тыхтӕй, кӕвдӕсы хуысгӕйӕ, ӕмӕ Йӕ базондзыстут уыцы нысанӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 2:12
11 Iomraidhean Croise  

Дӕуӕн та, Езекиа, дӕттын нысан: ацы аз хӕрут, хауӕггаг нӕмыгӕй цы хор ӕрзад, уый, иннӕ аз — йӕхигъӕдӕй цы хор ӕрзайа, уый, ӕртыккаг аз та-иу байтаут ӕмӕ бафснайут уӕ хортӕ, ныссадзут сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ сын хӕрут сӕ дыргътӕ.


Фӕлӕ Езекиа Исайайы бафарста: «Цӕмӕй базондзынӕн, сдзӕбӕх уыдзынӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацӕуын мӕ бон суыдзӕн, уый?»


Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ Дӕ фарн ӕмӕ Дӕ хорзӕх мемӕ уӕнт, ӕмӕ уӕд бирӕ бонтӕ арвитдзынӕн Дунедарӕджы хӕдзары.


Хуыцау ын дзуапп радта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн. Мӕнӕ, Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый нысан: Мӕ адӕмы Мын Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ Хуыцаумӕ мӕнӕ ацы хохы сӕр скувдзыстут».


«Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, ӕвдисӕйнаг ракур, фӕнды дӕлдзӕхӕй, фӕнды уӕларвӕй — уӕлдай нӕу».


Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.


Зӕды фарсмӕ ӕваст фегуырди ӕнӕнымӕц уӕларвон ӕфсад. Уыдон кадджын кодтой Хуыцауы:


Уыйадыл Фырт ныййардта. Хӕцъилты Йӕ батыхта ӕмӕ Йӕ кӕвдӕсы нывӕрдта, уымӕн ӕмӕ сӕм фысымуаты бынат не ’рхаудис.


Мӕнӕ дын ӕвдисӕйнаг: дӕ фырттӕ дыууӕйӕ — Хофни ӕмӕ Пинхас — уыцы иу бон амӕлдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan