Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 19:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Йесо йын загъта: «Абон ацы хӕдзармӕ ирвӕзындзинад ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг дӕр Авраамы байзӕддагӕй у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 19:9
15 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ сайтан ӕстдӕс азы дӕргъы бастӕй кӕй фӕдардта, Авраамы уыцы чызджы йӕ бӕттӕнтӕй сабаты цӕуылнӕ ис суӕгъд кӕнӕн?»


Ӕмӕ абоны фӕстӕгтӕй бирӕтӕ суыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕй та — фӕстӕгтӕ».


Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: „Мӕ фыдӕл Авраам! Фӕтӕригъӕд мын кӕн ӕмӕ мӕм Лазыры рарвит: йе ’нгуылдз доны атула ӕмӕ мын дзы ме ’взаг асатӕг кӕна, уымӕн ӕмӕ ӕз ацы арты хъизӕмарӕй мӕлын“.


Уый та йын загъта: „Нӕ, мӕ фыдӕл Авраам! Мӕрдтӕй сӕм исчи куы ’рцӕуа, уӕд ӕрфӕсмон кӕндзысты“.


мӕхи цӕстӕй федтон Дӕ Ирвӕзынгӕнӕджы,


Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй! Махӕн нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.


Уӕдӕ уыцы зӕрдӕбавӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл — Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у не ’ппӕты фыдӕл,


Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй, Хуыцау Авраамӕн цы арфӕ ракодта, уый Йесо Чырыстийы фӕрцы анхъӕвза муртаттӕгтыл, ӕмӕ мах уырнындзинады руаджы схайджын уӕм, ныфс Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Удӕй.


Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, стӕй, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн — Йӕ бындартӕ.


Уӕдӕ зонут: уырнджытӕ сты Авраамы байзӕддӕгтӕ.


«Кӕддӕр адӕм нӕ уыдыстут, ныр та — Хуыцауы адӕм. Кӕддӕр Ын Йӕ хорзӕх нӕ зыдтат, ныр та дзы хайджын стут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan