Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 19:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Закхей та сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’мбис мӕгуыртӕн байуардзынӕн ӕмӕ, кӕд искӕй хъыджы бацыдтӕн, уӕд ӕй уымӕн та цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 19:8
22 Iomraidhean Croise  

Йӕ фысӕн та йын хъуамӕ цыппар аргъы бафида, уыцы ми кӕй бакодта ӕмӕ йын кӕй нӕ фӕтӕригъӕд кодта, уый тыххӕй».


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом.


Искӕй ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу.


Фӕлӕ йӕ куы ’рцахсынц, уӕд, цы адавта, уый авд ахӕмӕй бафиды, йӕ хӕдзары исбон иууылдӕр лӕвӕрд ӕрцӕуы.


йӕ хӕсджынӕн йӕ цъынды фӕстӕмӕ куы ратта, цы адавта, уый куы бафида, царддӕттӕг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕра ӕмӕ ӕвзӕрӕй куы ницы кӕна, уӕд цӕрдзӕни, нӕ амӕлдзӕн.


уӕд йӕ тӕригъӕдыл басӕттӕд ӕмӕ, кӕй бахъыгдардта, уымӕн ӕххӕстӕй бафидӕд, цы йын фӕзиан кодта, уый, уыцы фиддонӕн ма йӕм ноджы йӕ фӕндзӕм хай бафтауӕд, афтӕмӕй.


Уӕ тӕбӕгъы цы ис, уымӕй искӕмӕн куы фӕхай кӕнат, уӕд уын алцыдӕр уыдзӕни сыгъдӕг.


Ауӕй кӕнут уӕ мулк ӕмӕ мӕгуыртӕн феххуыс кӕнут. Уӕхицӕн, хӕррӕгъ чи нӕ кӕны, ахӕм ӕвӕрӕндӕттӕ саразут; ӕрӕмбырд кӕнут ӕнӕихсигӕ хӕзнатӕ уӕлӕрвты — уырдӕм сӕм хуыснӕг нӕ баирвӕздзӕн ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ бахӕрдзӕн.


Ӕмӕ уын Ӕз дӕр зӕгъын: скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ ӕнӕраст мулчы фӕрцы, цӕмӕй, куы смӕгуыр уат, уӕд уӕ уыдон суазӕг кӕной се ’нусон цӕрӕнбынӕтты.


Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ хъуыр-хъуырӕй нал ӕнцадысты, уыцы тӕригъӕдджын адӕймагмӕ уазӕгуаты куыд бацыд, зӕгъгӕ.


Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».


Иоанн дзы дыууӕмӕ фӕсидти ӕмӕ сӕ арвыста Хицау Йесойы бафӕрсынмӕ: «Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»


Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan