Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 19:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Уымӕн ӕмӕ дыл ахӕм бонтӕ акӕндзӕн, ӕмӕ де знӕгтӕ дӕ къулты алыварс сыджытбырутӕ самайдзысты, ӕрхъула дыл кӕндзысты ӕмӕ дӕ алырдыгӕй ӕрбалвасдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 19:43
15 Iomraidhean Croise  

Иу сахары царди чысыл адӕм. Иу тыхджын паддзах сахармӕ ’рбабырста ӕмӕ йӕ алыварс ӕрхъула кодта.


Уымӕ гӕсгӕ ма дын Ӕз, Дунедарӕг, ноджыдӕр зӕгъын: Ассирийы паддзах нӕ бафтдзӕни ацы сахармӕ, иу фат дӕр ыл не суадздзӕн, нӕ йӕм бацӕудзӕни кард ӕмӕ уартимӕ, нӕ йын самайдзӕн йӕ алыварс сыджытбыру.


Уый карды амӕттаг бакӕндзӕни, денджызгӕрӕтты дын цы дӕлбар сахартӕ ис, уыдон, дӕ ныхмӕ дын сараздзӕни хӕцӕн мӕсгуытӕ ӕмӕ самайдзӕни сыджытбыру, ӕрӕвӕрдзӕн цӕлхытыл тулгӕ стыр уартытӕ.


Стӕй йыл ӕрхъула кӕн, йӕ ныхмӕ йын хӕцӕн мӕсыг сараз, сыджытбыру самай, хӕстон асадӕн скӕн йӕ ныхмӕ ӕмӕ йын йӕ алыварс сисфӕлдахӕн сармадзантӕ ӕрӕвӕр.


Паддзах смӕсты, йе ’фсад арвыста, уыцы лӕгмарты ныццагъта ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта.


ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, ӕмӕ ды дӕр уӕд та ацы бон куы базонис, фарны хос дын цы у, уый! Фӕлӕ уый ныр дӕуӕй ӕмбӕхст у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan