39 Адӕмимӕ чи уыди, уыцы фарисейтӕй Йын чидӕртӕ загътой: «Ахуыргӕнӕг, Дӕ ахуыргӕнинӕгты ныхъхъус кӕн».
О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.
Уӕд Ирод сусӕгӕй стъалыдӕснытӕм фӕсидти, цӕмӕй стъалыйӕн йӕ фӕзынды афон сбӕлвырд кӕна.
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.
Алчертӕ та Лазыры дӕр амарын сфӕнд кодтой,
Фарисейтӕ та кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уынут, куыд ницы нын ӕнтысы! Ӕгас дуне Йӕ фӕдыл цӕуы!»
Ӕви сымах афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст дзӕгъӕлы зӕгъы: «Хуыцау нӕ зӕрдӕты Кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы Уд мах афтӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ Йӕ фӕнды, ӕрмӕстдӕр Уый дӕлбар куыд уӕм»?