34 Уыдон сын дзуапп радтой: «Хицауы хъӕуы».
Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.
Къӕлӕуы куы уӕгъд кодтой, уӕд сӕ йӕ хицӕуттӕ бафарстой: «Цӕмӕн ӕй уӕгъд кӕнут?»
Ӕркодтой къӕлӕуы Йесомӕ, ӕрӕппӕрстой йыл сӕ дарӕстӕ ӕмӕ йыл Йесойы сбадын кодтой.
Хуыцауы дзырд кӕмӕн лӕвӕрд уыд, кӕд Хуыцау уыдоны хуыцӕуттӕ схуыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстӕн аивӕн нӕй,
Цӕмӕн афтӕ бакодта, уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг нӕ бамбӕрстой, фӕлӕ Йесойы кад куы раргом ис, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ кӕй загъдӕуыд, уый.
Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ.