29 Елеон, зӕгъгӕ, уыцы хохы фахсыл Виффаги ӕмӕ Вифанимӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ фӕдзырдта
Уый ӕрлӕудзӕни Елеоны хохыл, Йерусалимы скӕсӕнварс чи ис, ууыл, ӕмӕ Елеоны хох дыууӕ дихы фӕуыдзӕн — ныгуылӕнӕй скӕсӕнӕрдӕм. Хохы иу ӕрдӕг фӕцӕудзӕнис цӕгатӕрдӕм, иннӕ ’рдӕг хуссарӕрдӕм, се ’хсӕн та стыр дӕлвӕз фӕзындзӕни.
Уыйадыл сӕ Йесо ныууагъта, сахарӕй ацыди Вифанимӕ ӕмӕ Йе ’хсӕв уым арвыста.
ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, уартӕ нӕ ныхмӕ цы хъӕу ис, уырдӕм. Хъӕугӕрон фендзыстут баст къӕлӕу, адӕймаг кӕуыл нӕма сбадти, ахӕм. Суадзут-иу ӕй ӕмӕ йӕ ардӕм ӕркӕнут.
Елеоны хохы ӕрхизӕнмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр Хуыцауы стауын райдыдтой, сӕхи цӕстӕй кӕй федтой, ӕппӕт уыцы диссӕгты тыххӕй:
Боныгон Йесо адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны, изӕрӕй та-иу ацыд ӕмӕ-иу Йе ’хсӕв арвыста, Елеон цы хох хуынди, ууыл.
Йесо рацыд ӕмӕ та иннӕ хӕттытау ныр дӕр араст ис Елеоны хохмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты Йӕ фӕдыл.
Ӕмӕ сӕ сахарӕй Вифанийы онг ракодта. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ систа ӕмӕ сын арфӕ ракодта.
Уыйадыл апостолтӕ уырдыгӕй, Елеоны хохӕй, фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхтысты; уыцы хох Йерусалиммӕ хӕстӕг у — сабаты бонцау.