25 Уыдон ын загътой: „Хицау, ӕмӕ уымӕ дӕс минӕйы куы ис“.
Фӕлӕ Дӕм уый дӕр фаг нӕ фӕкасти, о Бардарӕг Хуыцау, ӕмӕ ма Дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн йӕ дард сомбоны кой дӕр бакодтай! Афтӕ аудыс адӕймагыл Ды, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!
Уый йӕм фӕсидт ӕмӕ йын загъта: „Уый дӕ цытӕ хъусын? Дӕ бӕрны цы уыди, уымӕн хыгъд скӕн ӕмӕ мӕм ӕй ратт, нырӕй фӕстӕмӕ мӕ исбонӕн уынаффӕ кӕнынӕй сӕрибар дӕ“.
Ӕмӕ, уым чи лӕууыди, уыдонӕн загъта: „Райсут ын йӕ минӕ ӕмӕ йӕ раттут, дӕс минӕйы кӕмӕ ис, уымӕн“.
Уый дзуапп радта: „Зӕгъын уын, кӕмӕ ис, уымӕн ма ноджыдӕр рардӕуыдзӕни; кӕмӕ нӕй, уымӕй та, цы йӕм ис, уый дӕр ист ӕрцӕудзӕни.