Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 19:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Ӕмӕ, уым чи лӕууыди, уыдонӕн загъта: „Райсут ын йӕ минӕ ӕмӕ йӕ раттут, дӕс минӕйы кӕмӕ ис, уымӕн“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 19:24
5 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕмӕн баззайдзысты, дӕхицӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыдон?“


Уый йӕм фӕсидт ӕмӕ йын загъта: „Уый дӕ цытӕ хъусын? Дӕ бӕрны цы уыди, уымӕн хыгъд скӕн ӕмӕ мӕм ӕй ратт, нырӕй фӕстӕмӕ мӕ исбонӕн уынаффӕ кӕнынӕй сӕрибар дӕ“.


Йӕ дӕс цагъармӕ фӕдзырдта, дӕс минӕйы сын радта ӕмӕ загъта: „Ӕфтиаг сӕ куыд райсат, афтӕ сӕ спайда кӕнут ме ’рцыдмӕ“.


уӕд мын ме ’хца пайда дзы скӕнынмӕ цӕуылнӕ радтай, цӕмӕй йӕ, фӕстӕмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ, ӕфтиагимӕ райстаин?“


Уыдон ын загътой: „Хицау, ӕмӕ уымӕ дӕс минӕйы куы ис“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan