21 Тӕрсгӕ дӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ карз лӕг дӕ: цы нӕ нывӕрдтай, уый исыс, цы нӕ байтыдтай, уый кӕрдыс“.
Ӕрбацыд ӕртыккаг ӕмӕ загъта: „Хицау, мӕнӕ дӕ минӕ, хӕцъилы тыхтӕй йӕ фӕдардтон.
Хицау ын загъта: „Дӕхи дзыхӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн, ӕвзӕр цагъар! Ӕз карз лӕг кӕй дӕн ӕмӕ, цы нӕ нывӕрдтон, уый кӕй исын, цы нӕ байтыдтон, уый кӕй кӕрдын, уыдӕттӕ куы зыдтай,
Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасимӕ цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ уӕ Чи скодта, уыцы Удӕй, ӕмӕ Уый фӕрцы ныхъхъӕр кӕнӕм: «Абба! Нӕ Фыд!»
Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнӕг Хуыцауӕн знаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгъдауӕн нӕ сӕтты, стӕй йӕ бон басӕттын дӕр нӕу.
Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы Удӕй бахай кодта, уый нын тӕппуды хос нӕу, фӕлӕ нын дӕтты тых, уарзт ӕмӕ раст зонд.
Уымӕн ӕмӕ, ӕппӕт ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уый йын йӕ домӕнтӕй искӕцыйы куы фӕкъуыхцы уа, уӕд ӕнӕхъӕн ӕгъдау фехалӕгау азымджын у.
Уарзондзинадӕн тасимӕ иумӕйагӕй ницы ис, ӕцӕг уарзондзинад кӕм уа, уым тасӕн бынат нӕй. Уымӕн ӕмӕ, тӕрсгӕ чи кӕны, уый ныридӕгӕн ӕфхӕрд ӕййафы. Чи тӕрсы, уымӕн йӕ уарзт алцӕмӕй ӕххӕст нӕу.
цӕмӕй ӕнӕхуыцӕуттӕй алкӕмӕн дӕр стӕрхон кӕна, хурмӕ сын рахӕсса се ’нӕхуыцау митӕ ӕмӕ, Йӕ ныхмӕ кӕй дзырдтой, ӕппӕт уыцы къӕйных ныхӕстӕ».
Самуел адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут! Кӕд ӕппӕт уыцы фыдракӕндтӕ сарӕзтат, уӕддӕр Дунедарӕгӕй уӕхи ма иуварс кӕнут, зӕрдиагӕй Йын кувут.