18 Ӕрбацыди дыккаг ӕмӕ загъта: „Хицау, дӕ минӕ ӕфтиаг ӕрхаста фондз минӕйы“.
Бӕзнаг мӕрыл кӕй байтыдӕуыд, уый ӕнгӕс та сты, ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ бамбары, уыдон; ӕмӕ сӕ иу ратты фондзыссӕдз хатты, иннӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕ та — дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр пайда».
Дыууӕ таланты чи райста, уый дӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хицау, ды мын радтай дыууӕ таланты, ӕз сӕ спайда кодтон ӕмӕ ма сӕм ноджы бафтыдтон дыууӕ таланты“.
Бӕзнаг мӕрыл цы нӕмгуытӕ байтыдӕуыд, уыдон та сты, ныхас чи фехъусы, йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, ахӕм адӕймӕгтӕ: сӕ иу пайда ратты дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты, иннӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕ та — фондзыссӕдз хатты фылдӕр».
Йӕ дӕс цагъармӕ фӕдзырдта, дӕс минӕйы сын радта ӕмӕ загъта: „Ӕфтиаг сӕ куыд райсат, афтӕ сӕ спайда кӕнут ме ’рцыдмӕ“.
Уый йын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх цагъар! Чысыл хъуыддаджы иузӕрдион кӕй разындтӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ хицауӕй ӕвӕрын дӕс сахарӕн“.
Уымӕн дӕр загъта: „Дӕу та хицауӕй ӕвӕрын фондз сахарӕн“.
Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.