Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 19:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уый йын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх цагъар! Чысыл хъуыддаджы иузӕрдион кӕй разындтӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ хицауӕй ӕвӕрын дӕс сахарӕн“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 19:17
14 Iomraidhean Croise  

Йосеф фӕцыди йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ сси йӕ сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг. Йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ исбон Потифар ӕгасӕйдӕр бакодта Йосефы ӕвджид, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕг, Йосефы сӕр нымайгӕйӕ, Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта мысыраджы хӕдзар. Раарфӕ йын кодта ӕмӕ йын сбирӕ кодта йӕ мулк ӕмӕ йӕ хуымты бӕркад.


Легъуи бӕласмӕ чи зилы, уый йын йӕ дыргътӕй хӕрдзӕн, йӕ хицауыл чи тыхсы, уый та скадджын уыдзӕн.


Йӕ хицау ын загъта: „Хорз, ды дзӕбӕх ӕмӕ иузӕрдион цагъар дӕ! Гыццыл хъуыддаджы иузӕрдион уыдтӕ, ӕмӕ дын ӕз стырдӕр хъуыддаг бабар кӕндзынӕн. Рацу мидӕмӕ ӕмӕ цин кӕн дӕ хицауимӕ“.


Чысыл хъуыддаджы ӕууӕнк кӕуыл ис, уый стыр хъуыддаджы дӕр ӕууӕнкджын у, чысыл хъуыддаджы мӕнгард чи у, уый стыр хъуыддаджы дӕр мӕнгард у.


Уыдонӕн сӕ фыццаг ӕрбацыд ӕмӕ загъта: „Хицау, дӕ минӕ ӕфтиаг ӕрхаста дӕс минӕйы“.


Ӕрбацыди дыккаг ӕмӕ загъта: „Хицау, дӕ минӕ ӕфтиаг ӕрхаста фондз минӕйы“.


цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.


Ӕцӕг иудейаг, зӕрдӕйӕ иудейаг чи у, уый у; ӕцӕг сунӕт, Ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уый тыххӕй конд нӕу, фӕлӕ Удӕй аразгӕ зӕрдӕйы сунӕт у. Ахӕм адӕймагӕй адӕм нӕ, фӕлӕ Хуыцау раппӕлы.


Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.


Уымӕ гӕсгӕ ӕз алцӕмӕн дӕр фӕразын ӕвзӕрстыты сӕраппонд, цӕмӕй уыдон дӕр фервӕзой Йесо Чырыстийы руаджы ӕмӕ схайджын уой мыггагмӕйы кадӕй.


Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд.


Ӕмӕ Хистӕр Фыййау куы ’рцӕуа, уӕд райсдзыстут кады ӕнусон хӕрзиуӕг.


Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan