Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 19:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уыдонӕн сӕ фыццаг ӕрбацыд ӕмӕ загъта: „Хицау, дӕ минӕ ӕфтиаг ӕрхаста дӕс минӕйы“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 19:16
8 Iomraidhean Croise  

Йӕ дӕс цагъармӕ фӕдзырдта, дӕс минӕйы сын радта ӕмӕ загъта: „Ӕфтиаг сӕ куыд райсат, афтӕ сӕ спайда кӕнут ме ’рцыдмӕ“.


Паддзахӕй йӕ куы сӕвӕрдтой ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд, чи цас ӕфтиаг райста, уый базоныны тыххӕй фӕсидти, ӕхца кӕмӕн радта, уыцы цагъартӕм.


Уый йын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх цагъар! Чысыл хъуыддаджы иузӕрдион кӕй разындтӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ хицауӕй ӕвӕрын дӕс сахарӕн“.


Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan