15 Паддзахӕй йӕ куы сӕвӕрдтой ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд, чи цас ӕфтиаг райста, уый базоныны тыххӕй фӕсидти, ӕхца кӕмӕн радта, уыцы цагъартӕм.
Бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ ӕрыздӕхти уыцы цагъарты хицау ӕмӕ сӕ дзуапп ӕрдомдта.
Йӕ хицауы фӕндон чи нӕ зыдта, афтӕмӕй нады аккаг митӕ чи фӕкодта, уый та къаддӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн. Хуыцау бирӕ кӕмӕн радта, уымӕй бирӕ ӕрдомдзӕн, йӕ бӕрны фылдӕр кӕмӕн бакодта, уымӕй фылдӕр ӕрцагурдзӕн.
Фӕлӕ, йе ’мбӕстӕгтӕн ӕнӕуынон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уыдон бавдӕлдысты ӕмӕ йын йӕ фӕдыл минӕвӕрттӕ арвыстой ахӕм ныхӕстимӕ: „Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы адӕймаг паддзахиуӕг кӕна“.
Уыдонӕн сӕ фыццаг ӕрбацыд ӕмӕ загъта: „Хицау, дӕ минӕ ӕфтиаг ӕрхаста дӕс минӕйы“.