Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 18:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Йӕхи раст чи хуыдта ӕмӕ иннӕты та чи ницӕуыл нымадта, уыдонӕн та Йесо ӕрхаста ахӕм ӕмбисонд:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 18:9
22 Iomraidhean Croise  

Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕхи цӕсты сыгъдӕг сты, афтӕмӕй та сӕ чъизитӕ нӕ цӕхсадтой.


Чи сыл амбӕлы, уымӕн фӕзӕгъынц, ӕрлӕуу, хӕстӕг мӕм ма ’рбацу, дӕуӕй хъауджыдӕр ӕз сыгъдӕг дӕн. Ацы адӕм Мын Мӕ маст рафыцын кодтой, ӕмӕ алы бон дӕр судзы ӕнӕахуысгӕ пиллон артау.


Дунедарӕджы ныхасы раз аргъуыц чи кӕны, уыдон ӕрбайхъусӕнт, цы уын зӕгъы, уымӕ: «Уӕхи Мӕ адӕмыл кӕй нымайут, уый тыххӕй цӕстысындз фестадыстут уе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уӕ се ’мгӕрон нал уадзынц. Хынджылӕг кӕнынц, уӕдӕ-ма, дам, уын Дунедарӕг Йӕ кад раргом кӕнӕд, ӕмӕ мах фенӕм, кӕддӕра уын уӕ зӕрдӕ цӕмӕй барухс кӕндзӕни! Ӕз уын зӕгъын, уыдон хорзау нал фӕуыдзысты.


Ӕвдӕм бон сауджын ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, гӕбӕр куынӕ ахӕлиу уа, бур хъуынтӕ дӕр ыл куынӕ фӕзына ӕмӕ буары дӕр куынӕ ныххиза,


Фӕлӕ уый фӕндыд йӕхи сраст кӕнын ӕмӕ та Йесойы бафарста: «Хион та чи у?»


Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Йӕм мӕсты кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай тӕригъӕдджынты суазӕг кӕны ӕмӕ ӕмвынг у семӕ».


Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ, адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.


Фарисей слӕууыд ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕтау стигъӕг, ӕдзӕсгом ӕмӕ хъахбай кӕй нӕ дӕн, стӕй мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн дӕр кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй.


Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ хъуыр-хъуырӕй нал ӕнцадысты, уыцы тӕригъӕдджын адӕймагмӕ уазӕгуаты куыд бацыд, зӕгъгӕ.


Йесойы фысым, фарисей, уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай ӕцӕгдӕр пехуымпар куы уаид, уӕд ӕй зонид, цавӕр сылгоймаг Ӕм ӕвналы, уый, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тынг тӕригъӕдджын у».


Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Уӕдӕ Дӕ мах самариаг ӕмӕ хӕйрӕджыты сайд дзӕгъӕлы хонӕм?»


Уыдон ӕй ӕфхӕрын райдыдтой ӕмӕ йын загътой: «Уый ды дӕ Йӕ ахуыргӕнинаг, мах та Моисейы ахуыргӕнинӕгтӕ стӕм.


Уыдон ын загътой: «Сӕрӕй къӕхтӕм тӕригъӕдджынӕй куы райгуырдтӕ, уӕд ды мах ахуыр кӕныс?» Ӕмӕ йӕ ратардтой.


Бардарӕг мын загъта: „Ацу, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз дардмӕ, муртаттӕгтӕм, арвитдзынӕн“».


Уыдон нӕ зыдтой, Хуыцау адӕймаджы куыд раст кӕны, уый ӕмӕ архайдтой сӕхи сраст кӕнынӕн сӕхи фӕндаг ссарыныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ басастысты Хуыцауы рӕстадӕн.


Ды та цӕмӕн тӕрхон кӕныс де ’фсымӕрӕн? Ӕмӕ ды дӕр цӕмӕн дӕлдӕр кӕныс де ’фсымӕры? Не ’ппӕт дӕр Хуыцауы тӕрхоны раз ӕрлӕудзыстӕм.


Чи хӕры, уый ӕнӕввӕрсон ма уӕд, чи нӕ хӕры, ууыл; чи нӕ хӕры, уый тӕрхонгӕнӕг ма уӕд, чи хӕры, уымӕн: Хуыцау дзы Йӕхицӕн хъӕбул загъта.


Ӕз кӕддӕр цардтӕн, Ӕгъдау нӕ зыдтон, афтӕмӕй; фӕлӕ, фӕдзӕхст куы фӕзынд, уӕд тӕригъӕд райгас ис,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan