8 Зӕгъын уын, рӕхджы сын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд ма зӕххыл уырнындзинад ссардзӕни, цымӕ?»
Йӕхӕдӕг нын равзӕрста фыдӕй-фыртмӕйы исбон — Йӕ уарзон Йаков хъал кӕмӕй у, уыцы бынтӕ.
Иузӕрдион хӕлӕрттыл сӕхи бирӕтӕ нымайынц, фӕлӕ ӕууӕнкджын адӕймаджы кӕм ссардӕуа?
Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, куыд дзурут сымах, Дунедарӕг Хуыцау ныл нӕ тыхсы, ферох нӕ кодта, зӕгъгӕ?
Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, ӕвзӕрстыты дӕр асайой.
Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».
Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.