6 Ӕмӕ Бардарӕг бафарста: «Хъусут, уыцы мӕнгард тӕрхонгӕнӕг цы загъта, уымӕ?
Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ — Уый хур скӕсын кӕны хӕларзӕрдӕтыл дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстгӕнджытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр.
Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».
Иоанн дзы дыууӕмӕ фӕсидти ӕмӕ сӕ арвыста Хицау Йесойы бафӕрсынмӕ: «Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»
уӕд, мыййаг, иуы иннӕмӕй нӕ уӕлдӕр кӕнут ӕмӕ галиу зондыл лӕуд тӕрхонгӕнджытӕ не свӕййут?