Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 18:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Разӕй чи цыди, уыдон ӕй басабыр кӕнын фӕлвӕрдтой, фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кодта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 18:39
16 Iomraidhean Croise  

Давиды зондамонӕн псалом. Йӕ куывд, лӕгӕты куы уыдис, уӕд. Дунедарӕгмӕ фӕдисхъӕр кӕнын, Дунедарӕгмӕ кувын хъӕрӕй.


Курут ӕмӕ уын ратдзысты, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын байгом кӕндзысты.


Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Йесо уырдыгӕй куы рараст ис, уӕд дыууӕ куырмы рацыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Давиды Фырт!»


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ! Сымах байстат зонынады дӕгъӕл; уӕхӕдӕг дӕр нӕ бацыдыстут ӕмӕ, бацӕуын кӕй фӕндыди, уыдоны дӕр нӕ бауагътат».


Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста:


Йесомӕ кодтой сабиты дӕр, цӕмӕй сыл бандзӕва, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕ нӕ уагътой.


Уӕд уый ныхъхъӕр кодта: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»


Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта, цӕмӕй Йӕм ӕй ӕрбакӕной. Куы Йӕм ӕрбацыд, уӕд ӕй Йесо бафарста:


Адӕмимӕ чи уыди, уыцы фарисейтӕй Йын чидӕртӕ загътой: «Ахуыргӕнӕг, Дӕ ахуыргӕнинӕгты ныхъхъус кӕн».


Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ чидӕр ӕрбацыди йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йын загъта: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы мауал тыхсын кӕн».


Уымӕй фервӕзыны тыххӕй ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодтон Бардарӕгӕн,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan