34 Уыдон Ын Йӕ ныхӕстӕн ницы бамбӕрстой. Цӕуыл дзырдта, уыдӕттӕ сын ӕргом нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой.
Фӕлӕ Йын уыдон нӕ бамбӕрстой Йӕ ныхӕстӕ, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.
ехсӕй Йӕ фӕнӕмдзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни».
Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой.
Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Куыд зынтӕй ӕууӕндут, пехуымпартӕ рагуацы хуызы цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл!
Раргом сын кодта, Сыгъдӕг Фыст куыд ӕмбарын хъӕуы, уый
Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой — ӕргом сын нӕ уыдысты уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.
Йесо сын ракодта ацы фӕсномыг ныхас. Фӕлӕ сын ӕй цӕй тыххӕй ӕрхаста, уый нӕ бамбӕрстой.
Цӕмӕн афтӕ бакодта, уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг нӕ бамбӕрстой, фӕлӕ Йесойы кад куы раргом ис, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ кӕй загъдӕуыд, уый.