21 Уый Йесойӕн загъта: «Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз ме ’взонджы бонтӕй нырмӕ ӕххӕст кӕнын».
Фӕлӕ йын уый дзуапп радта: „Ныр дын уал азы цагъары куыст кӕнын, дӕ ныхасы сӕрты никуы ахызтӕн, ды та мын мӕ хӕлӕрттимӕ фӕминас кӕнынӕн сӕныкк дӕр никуы рауӕлдай кодтай.
Зӕгъын уын, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгӕй иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕни уӕлӕрвты.
Ды фӕдзӕхстытӕ зоныс: „Ма хӕт“, „Ма амар“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“, „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“».
Йесо уый куы фехъуыста, уӕд ын зӕгъы: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕд уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
диныл фырӕнувыдӕй — Аргъуан ӕфхӕрӕг, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — ӕнӕфау рӕстгӕнӕг.