18 Иу хицау Йесойы бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсыны тыххӕй цы саразон?»
Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда.
— Фырт кад кӕны йӕ фыдӕн, цагъар — йӕ хицауӕн. Кӕд Ӕз уӕ Фыд дӕн, уӕд Мын кад цӕуылнӕ кӕнут? Кӕд уӕ Хицау дӕн, уӕд Мӕ разы аргъуыц цӕуылнӕ кӕнут? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Сауджынтӕ, Мӕ ном Мын сӕгад кодтат, уӕхӕдӕг ма Мӕ ноджы, цӕмӕй, зӕгъгӕ, фӕрсут.
Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у.
Цы уын зӕгъын, уый куы нӕ кӕнут, уӕд Мӕм „Хицау, Хицау!“ цӕмӕн дзурут?
Стӕй сӕ рахуыдта ӕддӕмӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Ме ’лдӕрттӕ, фервӕзынӕн мын цы амал ис?»
Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты, ӕмӕ фарстой Петры ӕмӕ иннӕ апостолты: «Цы гӕнгӕ нын у, не ’фсымӕртӕ?»