Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 18:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 «Дыууӕ адӕймаджы бацыдысты Кувӕндонмӕ кувынмӕ: сӕ иу — фарисей, иннӕ — хъалонисӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 18:10
13 Iomraidhean Croise  

федта йын йӕ дзаг фынгтӕ, йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц, лӕггадгӕнджытӕ аив дарӕсты куыд лӕггад кӕнынц, дзагдарты дӕр сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссыны уаг ӕрӕвӕрдта, уый дӕр. Ӕмӕ йӕхи нал баурӕдта Савайы ус-паддзах.


Фехъус Дӕ цагъары ӕмӕ Дӕ адӕм Израилы куывд! Ацы бынатмӕ не ’ргом саразгӕйӕ-иу Дӕм куы скувӕм, уӕд-иу нын Дӕ цӕрӕнбынатӕй, уӕлӕрвтӕй, фехъус нӕ куывд ӕмӕ-иу нын нӕ азым ныббар!


Фӕлӕ Езекиа Исайайы бафарста: «Цӕмӕй базондзынӕн, сдзӕбӕх уыдзынӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацӕуын мӕ бон суыдзӕн, уый?»


Филипп ӕмӕ Варфоломей, Фома ӕмӕ хъалонисӕг Матфей, Алфейы фырт Йаков ӕмӕ, фӕсномыгӕй Фаддей кӕй хуыдтой, уыцы Леввей,


Дзырдта сын: «Фыст ис: „Мӕ Хӕдзар уыдзӕни кувӕн хӕдзар“, сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».


Рагӕй мӕ зонынц, ӕмӕ сӕ куы бафӕнда, уӕд сӕ бон у ӕвдисӕн ныллӕууын, ӕз кӕй цардтӕн фарисейы цардӕй — нӕ дины тӕккӕ карздӕр къабазы домӕнтӕм гӕсгӕ.


Кувыны афон, фарӕстӕм сахатыл, Петр ӕмӕ Иоанн фӕцӕйцыдысты Кувӕндонмӕ.


Сунӕтгонд ӕрцыдтӕн мӕ царды ӕстӕм бон, дӕн израилаг адӕмӕй, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕй райгуырӕг дзуттаг, Ӕгъдау куыд ӕххӕст кодтон, уымӕ гӕсгӕ — фарисей,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan