Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 17:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн, хуым чи кӕны кӕнӕ фос чи хизы, ахӕм цагъар ис. Ӕмӕ уый быдырӕй куы ӕрбацӕуа, уӕд ын, цымӕ, сымахӕй исчи афтӕ зӕгъдзӕни: „Рӕвдздӕр рауай ӕмӕ фынджы уӕлхъус ӕрбад“?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 17:7
6 Iomraidhean Croise  

Уый сын загъта: «Искӕмӕ уӕ иу фыс куы уа ӕмӕ йын сабаты уӕрмы куы ныххауа, уӕд ӕй уырдыгӕй не сласдзӕн, ӕви?


Йесо йын дзуапп радта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, алчидӕр уӕ сабаты йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы кӕвдӕсӕй не суадзы ӕмӕ йӕ донмӕ нӕ аскъӕры?


Уыдонӕн та загъта: «Искӕмӕн уӕ сабаты йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал цъайы куы ныххауа, уӕд ӕй уыцы сахат не сласдзӕн, ӕви?»


Ӕмӕ, Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр.


Йесо сын загъта: «Хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уаид ӕмӕ мӕнӕ ацы тута бӕласӕн афтӕ куы зӕгъиккат, зӕххӕй дӕ уидӕгтӕ срӕдув ӕмӕ дӕхи денджызы ныссадз, зӕгъгӕ, уӕд уӕ коммӕ бакӕсид.


Нӕ, фӕлтау ын зӕгъдзыстут: „Марадз, ӕхсӕвӕр мын ӕрцӕттӕ кӕн, дӕ рон ӕрбалвас ӕмӕ, цалынмӕ хӕрон ӕмӕ нуазон, уӕдмӕ мын лӕггад кӕн; стӕй уый фӕстӕ дӕхӕдӕг дӕр хӕр ӕмӕ нуаз“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan