Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 17:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Зӕгъын уын: уыцы ӕхсӕв дыууӕйӕ уыдзысты иу хуыссӕны — сӕ иуы акӕндзысты, иннӕ та баззайдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 17:34
18 Iomraidhean Croise  

Де ’ргом мӕ ма аздах! Фыдӕхы хӕрам ма фӕу дӕ цагъармӕ. Ды уыдтӕ ме ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ мыл ныр дӕр Дӕхи ма атигъ кӕн, ма мӕ ныууадз, о Хуыцау, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг!


Дунедарӕджы хъӕлӕс денджызты сӕрмӕ ныййазӕлыд, цытджын Хуыцау ныннӕрыди, Дунедарӕджы хъӕлӕс бӕстӕ ныццарыдта дӕтты сӕрмӕ.


Раздӕр цы загътон, уый сӕххӕст ис. Ныр та зӕгъдзынӕн ног ныхас, зӕгъдзынӕн ӕй рагагъоммӕ, цалынмӕ нӕма сӕххӕст ис, уӕдмӕ».


Ӕгӕр бирӕ агурыс дӕхицӕн. Мацы кур, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт цӕрӕг удтыл бӕллӕх ӕруадздзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕу та, кӕдӕмфӕнды куы ацӕуай, уӕддӕр фервӕзын кӕндзынӕн, хорзӕхӕн цард райсдзынӕ“».


Ӕз уӕ уыдӕтты тыххӕй уӕ рагацау фӕдзӕхсын.


Уӕхи хизут — ӕппӕт уыдӕттӕ уын Ӕз рагацау зӕгъын.


Уӕд Ын Петр загъта: «Иууылдӕр Дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр Дӕ ӕз нӕ ныууадздзынӕн».


«Архайут нарӕг дуарыл бацӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъын уын, бирӕтӕ бахизыныл архайдзысты, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕни.


Зӕгъын уын, нӕ уыдысты! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут.


Нӕ, зӕгъын уын! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут».


Йӕ цард бахъахъхъӕнын чи фӕлвара, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн.


Дыууӕ сылгоймаджы иумӕ хор сдзысты — сӕ иуы акӕндзысты, иннӕ та баззайдзӕни.


Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се ’фхӕрд,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan