31 Уыцы бон уӕлхӕдзар чи уа, уый уырдыгӕй хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд йӕ дзаумӕттӕ рахӕссынмӕ. Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд.
«Йӕхи цармӕн мацы уӕд, уый йеддӕмӕ адӕймаг кӕйфӕнды царм дӕр рауӕлдай кӕндзӕн, — дзуапп радта сайтан Дунедарӕгӕн. — Йӕхи царды сӕраппонд, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдоныл фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцдзӕн.
Ӕгӕр бирӕ агурыс дӕхицӕн. Мацы кур, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт цӕрӕг удтыл бӕллӕх ӕруадздзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕу та, кӕдӕмфӕнды куы ацӕуай, уӕддӕр фервӕзын кӕндзынӕн, хорзӕхӕн цард райсдзынӕ“».
Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр, цы бахӕрат ӕмӕ цы бануазат, ууыл, нӕдӕр дарӕсыл. Ау, цард хойрагӕй ахсджиагдӕр нӕу, буар та — дарӕсӕй?
Ӕмӕ Иудейы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. Йерусалимы чи уа, уыдон дӕр уырдыгӕй лидзӕнт, йӕ алфамбылай чи уа, уыдон та йӕм ма бацӕуӕнт.