Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 17:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Кӕсут уӕхимӕ! Де ’фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ын бауайдзӕф кӕн ӕмӕ, кӕд ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын ныббар.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 17:3
18 Iomraidhean Croise  

Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ амонды хай зӕххыл!»


Цы зӕхмӕ бацӕуат, уыцы зӕххы цӕрджытимӕ ӕмдзӕхдон ма кӕнут, науӕд къӕппӕджы бахаудзыстут.


Зондджыны уайдзӕф куыд фӕрӕхойдзӕн, афтӕ зондцухмӕ сӕдӕ цӕфы нӕ бахъардзысты.


Сусӕг уарзтӕй ӕргом уайдзӕф — хуыздӕр.


Ӕдзӕсгомӕн уайдзӕфтӕ ма кӕн, науӕд ын ӕнӕуынон суыдзынӕ, куырыхонӕн бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ дӕ уарздзӕн.


Дӕ зӕрдӕйы мидӕг де ’фсымӕрмӕ ӕнӕуынондзинад ма ӕмбӕхс. Ӕргомӕй йын бауайдзӕф кӕн, науӕд дӕхӕдӕг дӕр йӕ тӕригъӕдты азымджын фӕуыдзынӕ.


Уӕд Петр бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Бардарӕг, мӕ тӕригъӕды цы ӕфсымӕр бацӕуа, уымӕн цал хатты хъуамӕ ныббарон? Авд хатты онг?»


Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.


Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ: уӕхи дарут ӕнӕзондтау нӕ, фӕлӕ, ӕмбаргӕтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ.


Дунедарӕг уӕм Хоревы рӕбын арты хуылфӕй куы дзырдта, уӕд сымах фӕлгонц нӕ федтат. Уӕхи хъахъхъӕнут уӕдӕ.


Уӕхи хъахъхъӕнут: Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, бадзырд уӕ зӕрдыл дарут: ма кӕнут уӕхицӕн гуымирытӕ, мацы кувӕн фӕлгонцтӕ аразут. Афтӕ уын фӕдзӕхсы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.


Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа, цӕмӕй исты маст уидаг ма сырӕза ӕмӕ ма фӕхъӕстӕ кӕна бирӕты,


Ме ’фсымӕртӕ, исчи уӕ ӕцӕгадӕй куы адзӕгъӕл уа ӕмӕ йӕ иннӕ куы раздаха,


Кӕсут уӕхимӕ, цӕуыл фӕкуыстам, уый куыд нӕ фесафат, фӕлӕ уӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй куыд райсат, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan