27 Адӕм хордтой, нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ цыдысты моймӕ, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызт ӕмӕ доныхъаймӕт се ’ппӕты дӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ.
Зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр уыд — адӕмӕй, стыр ӕмӕ чысыл цӕрӕгойӕ, уӕларвон маргъӕй — мӕлӕты хъуыры аирвӕзтысты. Иууылдӕр зӕххы цъарӕй сӕфт ӕрцыдысты. Ӕрмӕст ма баззади Ной ӕмӕ, йемӕ науы чи уыди, уыдон.
Доны хъаймӕтӕй Ной йӕхи бафснайдта науы, йӕ фырттӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытӕ дӕр — йемӕ.
Тас бацыди мӕ зӕрдӕйы, ӕмризӕджы ризын. Изӕрмилтӕм-иу зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн, ныр мыл уыдон дӕр стыр тас ӕфтауынц.
Фӕлӕ фыдбылызы амӕттаг бауыдзынӕ. Зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ, кӕцӕй дӕм фӕзындзӕн, уый. Дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй, ахӕм бӕллӕх дыл ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы.
Уымӕн ӕмӕ мӕрдты райгасы фӕстӕ адӕм нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты хуызӕн.
Ӕмӕ, Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр.
Афтӕ уыди Лоты заманы дӕр: адӕм хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, сагътой, арӕзтой.
Мысыраг бахӕццӕ кодта Давиды. Уый кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ амалекӕгтӕ быдыры куы апырх уаиккой. Хӕрынц ӕмӕ нуазынц, филистимаг ӕмӕ иудейаг зӕххытӕй бирӕ исбон кӕй байстой, уый фӕдыл бӕрӕгбон аразынц.