Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 17:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Ӕмӕ, Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 17:26
16 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг федта, адӕймаг бынтондӕр кӕй сӕлгъаг, йӕ сӕрызонды фыдбылызӕй дарддӕр кӕй ницыуал баззад, уый,


ӕмӕ загъта: «Зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн Ме сфӕлдыст адӕмы. Никӕйуал ныууадздзынӕн удӕгасӕй — нӕдӕр адӕмы, нӕдӕр цӕрӕгойты, нӕдӕр хилӕгойты, нӕдӕр уӕларвон мӕргъты. Ӕрфӕсмон кодтон, кӕй сӕ сфӕлдыстон, ууыл».


Иунӕг Ной фӕцыди Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ.


Фӕлӕ сымах уый бӕсты хъӕлдзӕгдзинад сарӕзтат; цин кӕнут, галтӕ ӕмӕ фыстӕ ӕргӕвдут, дзидза хӕрут, сӕн нуазут ӕмӕ дзурут: «Цӕй уӕдӕ хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм — уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!»


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та загъта: «Скӕндзӕнис ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕ бафӕнддзӕн Адӕймаджы Фырты Паддзахады бонтӕй уӕд та иу фенын, фӕлӕ йӕ нӕ фендзыстут.


Уымӕн ӕмӕ, арвӕрттывд арвы тыгъдад иу кӕронӕй иннӕмӕ куыд ныррухс кӕны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр.


Адӕм хордтой, нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ цыдысты моймӕ, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызт ӕмӕ доныхъаймӕт се ’ппӕты дӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ.


Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн, хуым чи кӕны кӕнӕ фос чи хизы, ахӕм цагъар ис. Ӕмӕ уый быдырӕй куы ӕрбацӕуа, уӕд ын, цымӕ, сымахӕй исчи афтӕ зӕгъдзӕни: „Рӕвдздӕр рауай ӕмӕ фынджы уӕлхъус ӕрбад“?


Зӕгъын уын, рӕхджы сын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд ма зӕххыл уырнындзинад ссардзӕни, цымӕ?»


Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.


рагон дунейыл нӕ бацауӕрста, бахызта ӕрмӕстдӕр рӕстдзинады фидиуӕг Нойы йӕ бинонтимӕ — аст адӕймаджы, ӕнӕхуыцӕутты дуне та доны хъаймӕтӕй фесӕфта;


Уымӕ гӕсгӕ уӕдыккон дуне фӕдӕлдон ӕмӕ бабын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan