Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 17:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та загъта: «Скӕндзӕнис ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕ бафӕнддзӕн Адӕймаджы Фырты Паддзахады бонтӕй уӕд та иу фенын, фӕлӕ йӕ нӕ фендзыстут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 17:22
11 Iomraidhean Croise  

Йесо сын загъта: «Цалынмӕ сиахсаг семӕ уа, уӕдмӕ чындзӕхсӕвы хуынд адӕм, мыййаг, ӕнкъард кӕндзысты? Фӕлӕ ралӕудзӕни ахӕм бон, ӕмӕ сиахсаг се ’хсӕнӕй тыхист куы ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕд дардзысты ком.


Фӕлӕ ралӕудзӕни, сиахсаджы сын се ’хсӕнӕй куы байсой, ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕд дардзысты ком.


Ныр уын ӕнӕхицауӕй уагъдӕуы уӕ хӕдзар. Ӕмӕ уын дзурын: цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!“, уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут».


Фӕлӕ сын иу афон сиахсаджы куы акӕной, уӕд дардзысты ком».


Уӕд сын Йесо загъта: «Иу цасдӕр рӕстӕг ма уыдзӕни рухс уемӕ. Цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ цӕут, цӕмӕй уӕ талынг ма бамбӕрза, уымӕн ӕмӕ талынджы цӕуӕгмӕ йӕ развӕд нӕ зыны.


Мӕ хъӕбултӕ, Ӕз бирӕ нал уыдзынӕн уемӕ. Агурдзыстут Мӕ, фӕлӕ, иудейӕгтӕн куыд загътон, афтӕ ныр сымахӕн дӕр зӕгъын: „Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм уӕ бон бацӕуын нӕу“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan