Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 17:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕмӕ иу хъӕуы Йӕ размӕ фесты дӕс хъотырджыны. Дӕрддзӕф ӕрлӕууыдысты

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 17:12
9 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ Нееманы хъотырниз дӕуыл ӕмӕ дӕ байзӕддагыл бахӕцӕд мыггагмӕ!» Ӕмӕ Гиези куыддӕр феддӕдуар, афтӕ йӕ буар иууылдӕр урс адардта хъотырӕй.


Уыцы заман сахары кулдуары ӕдде лӕууыди цыппар хъотырджыны ӕмӕ сӕхимидӕг дзырдтой: «Ам цы боны хорзмӕ кӕсӕм нӕ мӕлӕтмӕ?


«Ногӕй йӕ дӕ роны акӕн», — загъта та йын Дунедарӕг. Моисей ногӕй йӕ къух йӕ роны акодта. Куы йӕ райста, уӕд фӕстӕмӕ йӕ хуыз райста.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Йӕ фыд ын йӕ цӕсгомыл куы бату кӕнид, уӕд авд боны дӕргъы фыр ӕфсӕрмӕй йӕхи не ’мбӕхсид? Авд боны дӕргъы рӕсӕнуаты ӕдде фӕуӕд ӕмӕ-иу уый фӕстӕ ӕрбацӕуӕд».


Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ арвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыди, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, тӕригъӕдджын дӕн ӕз“.


Сахартӕй иуы Йесо фембӕлд, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъотырӕй кӕмӕн нал зынди, ахӕм лӕгыл. Уый Йесойы куы федта, уӕд Йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта: «Бардарӕг, Дӕу куы бафӕнда, уӕд мӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan