7 Уый фӕстӕ бафарста иннӕйы: „Ды та цас дарыс?“ Уый йын дзуапп радта: „Сӕдӕ барӕны мӕнӕу“. Уӕд уымӕн та загъта: „Айс дӕ гӕххӕтт ӕмӕ ныффысс: цыппарыссӕдз“.
Цагъар та уырдыгӕй рацыд ӕмӕ фӕндагыл сӕмбӕлд, фондзыссӕдз динары дзы чи дардта, йӕ уыцы ӕмбалы. Ӕрцахста йӕ, ныххӕцыд ын йӕ хурхыл ӕмӕ загъта: „Цы мӕ дарыс, уый мын бафид“.
Уый йын дзуапп радта: „Фондзыссӕдз дурыны оливӕйы сой“. Уӕд ын загъта: „Айс дӕ гӕххӕтт, сбад ӕмӕ рӕвдздӕр ныффысс: дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз“.
Ӕмӕ хицау раппӕлыд йӕ мӕнгард хӕдзаргӕсӕй, афтӕ кӕй сарӕхсти, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы хъӕбултӕ, сӕхи хуызӕн чи у, уыдонимӕ исты хъуыддӕгтӕ куы фӕаразынц, уӕд рухсы хъӕбултӕй ӕрхъуыдыджындӕр вӕййынц.
афтӕмӕй идӕдзӕй баззад ӕмӕ йыл ныр цыппар ӕмӕ цыппарыссӕдз азы рацыд. Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ нӕ цыди, ӕхсӕвӕй-бонӕй, ком даргӕйӕ ӕмӕ кувгӕйӕ, лӕггад кодта Хуыцауӕн.
Арвыста сӕм ӕртыккаджы дӕр, фӕлӕ уый дӕр фӕцӕфтӕ кодтой ӕмӕ йӕ ратардтой.
Ӕмӕ адӕмӕн ӕрхаста ахӕм ӕмбисонд: «Иу лӕг сӕндон скодта, йӕ ӕххуырст кусджыты бар ӕй бакодта ӕмӕ дӕргъвӕтин рӕстӕгмӕ балцы ацыди.