27 Уӕд хъӕздыг лӕг загъта: „Уӕд та дын лӕгъстӕ кӕнын, мӕ фыдӕл, Лазыры арвит мӕ фыды хӕдзармӕ.
Куы амӕлой, уӕд та ма сын цы уӕлдай уыдзӕн, сӕ фӕстӕ сӕ бинонтӕ цы бауыдзысты, уый?
Иов йе ’мбӕлтты тыххӕй куы скуывта, уӕд ын Дунедарӕг, раздӕр ӕм цы уыди, уыдон дывӕрӕй фӕстӕмӕ бафтыдта йӕ къухы.
Дунедарӕг ныннӕрыди уӕлӕрвты, Иууылбӕрзонды хъӕлӕс ныййазӕлыд — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.
О Дунедарӕг, зоныс мын мӕ бӕллицтӕ, мӕ иу сулӕфт дӕр сусӕг нӕу Дӕуӕй.
Ӕз, мыййаг, галы фыд хӕрын кӕнӕ сӕгъы туг нуазын?
«Ау, не ’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ, мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны ӕмӕ Хуыцауы чи нӕ агуры, уыдон?»
Цыдӕриддӕр сарӕзтон, уыдон мын ӕнӕуынон систы, уымӕн ӕмӕ бамбӕрстон: куы амӕлон, уӕд мӕ фӕллӕйттӕ иууылдӕр искӕмӕн баззайдзысты.
Уый ӕдде ма не ’хсӕн ис стыр сӕрсӕфӕн, цӕмӕй, ардыгӕй уырдӕм ацӕуынвӕнд чи кӕны, уыдонӕн ма бантыса, афтӕ уырдыгӕй дӕр ардӕм ӕрбацӕуӕн нӕй“.
Фондз ӕфсымӕры мын ис; уадз ӕмӕ сын зӕгъа, цӕмӕй уыдон дӕр ацы удхары бынатмӕ ма ӕрбахауой“.