26 Уый ӕдде ма не ’хсӕн ис стыр сӕрсӕфӕн, цӕмӕй, ардыгӕй уырдӕм ацӕуынвӕнд чи кӕны, уыдонӕн ма бантыса, афтӕ уырдыгӕй дӕр ардӕм ӕрбацӕуӕн нӕй“.
Бузныджы нывонд ӕрхӕсс Хуыцауӕн, Бӕрзӕндтыл Бадӕгӕн цы сомы ракодтай, уый сӕххӕст кӕн.
Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Израилы адӕмӕн нал уыдзӕни, рӕхойӕг какон сындзау, бӕхсындзау ӕй чи тыхсын кӕна ӕмӕ йыл ӕлгъ чи кӕна, ахӕм сыхӕгтӕ“. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый».
Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.
Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ».
Зӕгъын дын: бафидын дӕ цы хъӕуы, уый цалынмӕ фӕстаг мисхалы онг раттай, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацӕудзынӕ».
Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Мӕ хъӕбул, ды дӕ удӕгасӕй царды хорзӕхтӕ кӕй райстай, Лазыр та хъизӕмар кӕй бавзӕрста, уый дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Ныр уый ам рӕвдыд у, ды та удхар кӕныс.
Уӕд хъӕздыг лӕг загъта: „Уӕд та дын лӕгъстӕ кӕнын, мӕ фыдӕл, Лазыры арвит мӕ фыды хӕдзармӕ.
Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын у мыггагмӕйы цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн — Хуыцауы азар ӕй баййӕфта».
Чи сӕ сайдта, уыцы хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.
Ӕвзӕргӕнӕг дарддӕр ӕвзӕр митӕ кӕнӕд. Чъизи адӕймаг дарддӕр чъизи кӕнӕд йӕхи; рӕстгӕнӕг дарддӕр раст хъуыддӕгтӕ кӕнӕд; сыгъдӕг чи у, уый дарддӕр цӕрӕд сыгъдӕгӕй».
Уӕд Авигеа сыздӕхти Навалмӕ. Уымӕн уыцы рӕстӕг йӕ хӕдзары уыди куывд, растдӕриддӕр паддзахы куывды хуызӕн. Навал дзӕбӕх бахъӕлдзӕг, барасыг, ӕмӕ йын Авигеа боны срухсмӕ ницы ской кодта.