Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 16:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 ӕмӕ бӕллыди, уыцы лӕджы фынгӕй цы муртӕ хауди, уыдонӕй йӕхи бафсадынмӕ. Куыйтӕ-иу бауадысты ӕмӕ йын йӕ хӕфдзӕстытӕ стӕрдтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 16:21
7 Iomraidhean Croise  

Сылгоймаг та загъта: «Уый афтӕ у, Хицау, фӕлӕ куыйтӕ дӕр фӕхӕрынц, сӕ хицӕутты фынгӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон».


Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «О, Хицау, фӕлӕ куыйтӕ дӕр, сывӕллӕттӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон фынджы бын ахӕрынц».


Уыдис ноджы иу мӕгуыргур, йӕ ном — Лазыр. Йӕ буар ӕгасӕй дӕр хӕфдзӕстытӕ фестад. Хъӕздыджы кулдуары рӕбын хуыссыд


Амард мӕгуыр лӕг, ӕмӕ йӕ зӕдтӕ Авраамы хъӕбысмӕ схастой. Амард хъӕздыг лӕг дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой.


Адӕм куы бафсӕстысты, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цы къӕбӕртӕ ма дзы баззад, уыдон ӕрӕмбырд кӕнут, куыд ницы дзы фесӕфа, афтӕ».


Абоны онг дӕр ма стонг ӕмӕ дойны ӕвзарӕм, бызгъуырты цӕуӕм ӕмӕ над ӕййафӕм, хӕдзар нын нӕй,


Уӕззау куыст, ӕнӕхуыссӕг ӕхсӕвтӕ, стонг ӕмӕ дойны, уазал ӕмӕ бӕгънӕг…


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan