20 Уыдис ноджы иу мӕгуыргур, йӕ ном — Лазыр. Йӕ буар ӕгасӕй дӕр хӕфдзӕстытӕ фестад. Хъӕздыджы кулдуары рӕбын хуыссыд
Ӕмӕ уыйадыл сайтан ацыди Дунедарӕджы цурӕй. Иовы буар йӕ къахы бынтӕй йӕ сӕры онг судзаг цъутхал фестын кодта.
Ӕнаххосӕй мӕм знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны мыл ма бауадз худын, кӕрӕдзимӕ сӕ цӕстытӕ ныкъулын!
Левиафанӕн ныппырх кодтай йӕ сӕр, хъӕддаг сырдтӕн ӕй радтай холыйӕн.
Къахы дӕлфадӕй сӕры тенкамӕ иу ӕнӕниз бынат нал ис: цӕфтӕ, хъӕдгӕмттӕ ӕмӕ хӕфдзӕстытӕ — не сты сыгъдӕггонд, сойӕ сӕрст, баст.
Ау, Галаады ӕвдадзы хос нӕй? Ау, иу дохтыр дзы нал ис? Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхы амал цӕуылнӕ ис?»
Кулдуармӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд та йӕ ӕндӕр лӕггадгӕнӕг сылгоймаг базыдта ӕмӕ, уым чи уыди, уыдонӕн загъта: «Ай Назаретаг Йесоимӕ уыди».
Уыдис иу хъӕздыг лӕг, уый дардта зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕс, хъал цард кодта.
ӕмӕ бӕллыди, уыцы лӕджы фынгӕй цы муртӕ хауди, уыдонӕй йӕхи бафсадынмӕ. Куыйтӕ-иу бауадысты ӕмӕ йын йӕ хӕфдзӕстытӕ стӕрдтой.
Иу адӕймаг, йӕ ном — Лазыр, уыди рынчын. Уый уыди Вифанийӕ, Мариа йӕ хо Марфӕимӕ кӕм царди, уыцы хъӕуӕй.
Рӕсугъд кӕй хуыдтой, Кувӕндоны уыцы кулдуары раз бадти, мады гуыбынӕй цӕнкуыл чи рахаста, ахӕм лӕг. Алы бон дӕр-иу ӕй ӕрхастой ӕмӕ уым ныууагътой, цӕмӕй Кувӕндонмӕ цӕуджытӕй ӕхца кура.
Мӕгуыр ӕфсымӕр ӕппӕлӕд, Хуыцау ӕй бӕрзонд кӕй сӕвӕрдта, уымӕй.
Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.
Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон.