Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 15:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Кӕнӕ райсӕм, йӕ дӕс драхмӕйӕ иу кӕмӕн фесӕфт, уыцы сылгоймаджы. Ау, цырӕгътӕ не ссудздзӕн ӕмӕ хӕдзар мӕрзын нӕ райдайдзӕн, ӕмӕ йӕ цалынмӕ не ссара, уӕдмӕ йӕ зӕрдиагӕй нӕ агурдзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 15:8
9 Iomraidhean Croise  

Фыййау, чи ныххӕлиу, йӕ уыцы фосы дзуг ногӕй куыд банымайы, афтӕ Ӕз дӕр банымайдзынӕн Мӕ фос, суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, сау ӕмӕ мигъдзаст бон сӕ кӕдӕм фӕтардӕуыд, уыцы рӕттӕй.


Цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй мигӕнӕны бын не ’вӕрынц, фӕлӕ цырагъдарӕныл, цӕмӕй хӕдзары алкӕмӕн дӕр рухс кӕна.


Зӕгъын уын, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгӕй иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕни уӕлӕрвты.


Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд фӕдзурдзӕни йе ’мбал сылгоймӕгтӕм ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъдзӕни: „Цин кӕнут мемӕ — мӕ сӕфт драхмӕ ссардтон“.


Адӕймаджы Фырт ӕрцыд сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ».


Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ахӕм фыстӕ дӕр Мын ис, ӕмӕ Мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын иу Фыййау уыдзӕни.


стӕй ӕрмӕст Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау нӕ, фӕлӕ ма, алы рӕтты чи ныххӕлиу ис, Хуыцауы уыцы хъӕбулты ӕрӕмбырд ӕмӕ ӕрбаиу кӕныны тыххӕй дӕр.


Кӕлӕнгӕнджытӕй бирӕтӕ иу ранмӕ ӕрбахастой сӕ чингуытӕ ӕмӕ сӕ басыгътой ӕппӕт адӕмы раз. Чингуыты аргъ куы банымадтой, уӕд рауад дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз мин драхмӕйы.


Ӕмӕ куы ӕрцыди, уӕд ӕрхаста фидыды Фарны Уац сымахӕн, Хуыцауӕй дард чи уыди, уыдонӕн ӕмӕ Йӕм хӕстӕг чи уыди, уыдонӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan