Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 15:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Зӕгъын уын, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгӕй иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕни уӕлӕрвты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 15:7
13 Iomraidhean Croise  

Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕхи цӕсты сыгъдӕг сты, афтӕмӕй та сӕ чъизитӕ нӕ цӕхсадтой.


Ӕцӕг уын зӕгъын, куы йӕ ссара, уӕд, чи йын нӕ фӕдзӕгъӕл, уыцы нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысӕй ауыл тынгдӕр фӕцин кӕндзӕн.


Кӕд ӕцӕг зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кодтат, уӕд ӕй хъуыддагӕй равдисут.


Зӕгъын уын, раст афтӕ фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр».


Фӕлӕ йын уый дзуапп радта: „Ныр дын уал азы цагъары куыст кӕнын, дӕ ныхасы сӕрты никуы ахызтӕн, ды та мын мӕ хӕлӕрттимӕ фӕминас кӕнынӕн сӕныкк дӕр никуы рауӕлдай кодтай.


Фӕлӕ цины бӕрӕгбон саразын ӕмбӕлд, уымӕн ӕмӕ де ’фсымӕр уыди мард ӕмӕ райгас ис, уыди сӕфт ӕмӕ фӕзынди“».


ӕрцӕудзӕни хӕдзармӕ, ӕрбахондзӕн йӕ хӕлӕртты, йӕ сыхӕгты ӕмӕ сын зӕгъдзӕни: „Цин кӕнут мемӕ — мӕ сӕфт фысы ссардтон“.


Кӕнӕ райсӕм, йӕ дӕс драхмӕйӕ иу кӕмӕн фесӕфт, уыцы сылгоймаджы. Ау, цырӕгътӕ не ссудздзӕн ӕмӕ хӕдзар мӕрзын нӕ райдайдзӕн, ӕмӕ йӕ цалынмӕ не ссара, уӕдмӕ йӕ зӕрдиагӕй нӕ агурдзӕн?


Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ, адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.


Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной».


Ӕз кӕддӕр цардтӕн, Ӕгъдау нӕ зыдтон, афтӕмӕй; фӕлӕ, фӕдзӕхст куы фӕзынд, уӕд тӕригъӕд райгас ис,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan