Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 15:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Хистӕр фырт та уыцы рӕстӕг уыди быдыры ӕмӕ, уырдыгӕй ӕрбацӕйцӕугӕйӕ, хӕдзармӕ куы ӕрбахӕстӕг, уӕд фехъуыста фӕндыры зӕлтӕ ӕмӕ кафты уынӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 15:25
12 Iomraidhean Croise  

Давид, йӕ уӕлӕ сауджыны кӕттаг ефод, афтӕмӕй Дунедарӕджы раз йӕ кафынӕй нал ӕнцад.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Соломон. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕдзар аразынмӕ куынӕ бавнала, уӕд аразджыты фыдӕбон хӕрз дзӕгъӕлы у. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг сахар куынӕ хъахъхъӕна, уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц цырддзастӕй йӕ хъахъхъӕнджытӕ.


Кафтӕй Йын стаут Йӕ ном, зарут Ыл далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ.


Стаут Ӕй далаимӕ кафтӕй, стаут Ӕй хъисфӕндыртӕ ӕмӕ уадындзты цагъдӕй.


Фыр удхарӕй баруадтӕн, мӕ азтӕ дзыназгӕйӕ ӕрвитын, мӕ тӕригъӕдтӕй басасти мӕ хъару, бахус сты ме стджытӕ.


Уӕд пехуымпар Мариам, Аароны хо, йӕ къухмӕ ӕрбайста дала, ӕмӕ йемӕ сӕ далатимӕ кафгӕ рацыдысты ӕппӕт сылгоймӕгтӕ дӕр.


кӕуынӕн ӕмӕ худынӕн; хъарӕг кӕнынӕн ӕмӕ кафынӕн;


Израилы чызг, ногӕй дӕ сараздзынӕн, ӕмӕ арӕзт ӕрцӕудзынӕ, дӕ дала та райсдзынӕ ӕмӕ кафджытимӕ хъӕлдзӕгӕй кафдзынӕ.


Уымӕн ӕмӕ мын ацы фырт уыди мард ӕмӕ ныр райгас ис, уыди мын сӕфт ӕмӕ фӕзынди“. Уыйадыл стыр куывд скодтой.


Фӕсдзӕуинтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ, цы хабар у, зӕгъгӕ, бафарста.


Сывӕллӕтты хуызӕн сты, сахары фӕзы чи бады ӕмӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ чи зӕгъы: „Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ куыдтат“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan