Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 15:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Фыд йӕ цагъартӕм фӕсидти: „Рӕвдздӕр! Рахӕссут ӕппӕты хуыздӕр дарӕс ӕмӕ йыл ӕй скӕнут, къухдарӕн ын бакӕнут йӕ къухыл, йӕ къӕхтыл ын дзабыртӕ скӕнут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 15:22
30 Iomraidhean Croise  

Йӕ къухӕй рафтыдта йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Йосефы къухыл бакодта. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс.


Уӕд паддзах йе ’нгуылдзӕй къухдарӕн рафтыдта ӕмӕ йӕ Аманӕн, агагаг Хаммедатайы фыртӕн, дзуттӕгты удхорӕн, радта. Ӕмӕ загъта паддзах Аманӕн: «Ацы ӕвзист дӕу уӕд, уыцы адӕмӕн та, цы дӕ фӕнды, уый кӕн».


Паддзах йе ’нгуылдзӕй, Аманӕй фӕстӕмӕ кӕй райста, уыцы къухдарӕн рафтыдта, ӕмӕ йӕ Мардохейӕн радта, Естер та йӕ Аманы исбонӕн уагдарӕй сӕвӕрдта.


— О, раздӕх-ма, раздӕх, Суламитӕ! Раздӕх-ма, ӕмӕ дӕм бакӕсӕм! — Цӕмӕн кӕсут Суламитӕмӕ, раст цыма маханаимаг кафт кӕны, уыйау?


Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.


Фырт ын загъта: „Мӕ фыд, ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕларв ӕмӕ дӕ разы ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн“.


Хӕрзхаст род ӕрбакӕнут ӕмӕ йӕ аргӕвдут, цин ӕмӕ минас кӕндзыстӕм.


Бардарӕг Йесо Чырысти суӕд уӕ хотых, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды ӕмӕ йӕ монцты фӕдыл ма цӕуат.


Ӕппӕт уырнджыты дӕр Хуыцау раст кӕны Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы, хъулон Ын сӕ никӕцы у.


Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасимӕ цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ уӕ Чи скодта, уыцы Удӕй, ӕмӕ Уый фӕрцы ныхъхъӕр кӕнӕм: «Абба! Нӕ Фыд!»


Уымӕн ӕмӕ сымах — Чырыстиимӕ баиуы охыл кӕуыл саргъуыдӕуыд, уыдон — баиу стут Чырыстиимӕ.


Фарны Уац хъусын кӕнут — уымӕ цӕттӕдзинад суӕд уӕ къахыдарӕс.


Ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуыйӕ — де ’вдузӕнтӕ, дӕ хъару цӕргӕбонты — ӕвидигӕ“.


Ӕркодтой йыл гӕн хъуымацӕй дарӕс — сыгъдӕг ӕмӕ тӕмӕнкалгӕ». Гӕн хъуымацӕй дарӕс — сыгъдӕджыты раст хъуыддӕгтӕ.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.


Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд.


Уӕд уыдонӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыди урс-урсид дарӕс ӕмӕ сын загъдӕуыд, цӕмӕй ма банхъӕлмӕ кӕсой иу цасдӕр, зӕххыл ма уыдонау кӕй хъуамӕ амардӕуа, сӕ уыцы ӕмкусджытӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цалынмӕ нымӕц баххӕст кӕной, уӕдмӕ.


Уый фӕстӕ ӕз федтон, нымайын дӕр кӕй ничи бафӕрӕзтаид, уый бӕрц дзыллӕ — алы адӕмыхӕттытӕ, алы мыггаг, алы адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕй; сӕ уӕлӕ — урс-урсид дарӕс, сӕ къухы — пальмӕйы къалиутӕ. Уыдон лӕууыдысты паддзахы бадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan