Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 15:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Фырт ын загъта: „Мӕ фыд, ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕларв ӕмӕ дӕ разы ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 15:21
10 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ уӕд адӕмы раз зӕгъдзӕн: „Ӕз тӕригъӕды бацыдтӕн, рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтон, фӕлӕ мын Хуыцау мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ бафыста,


Уый у мӕ уарзӕгой Хуыцау, мӕ фидар, ме ’мбӕхсӕн, мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уарт, ӕз мӕ зӕрдӕ Ууыл дарын; мӕ адӕмы мын бакодта мӕ дӕлбар.


Де ’взаг нывӕнды сӕрысӕфты фӕндтӕ, цыргъ сӕрдасӕнау дын мӕнгард у.


Ӕрмӕст дӕ фыдракӕндыл басӕтт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхмӕ сыстадтӕ, алы къабузджын бӕласы бын ӕцӕгӕлӕттӕн рӕвдауӕн митӕ кодтай ӕмӕ Мын Мӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстай“, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уыйадыл сыстад ӕмӕ ацыди йӕ фыдмӕ. Фыд ӕй дардмӕ ауыдта ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. Разгъордта йӕм, йе ’фцӕгыл ын ныттыхсти ӕмӕ йын батӕ кодта.


Фыд йӕ цагъартӕм фӕсидти: „Рӕвдздӕр! Рахӕссут ӕппӕты хуыздӕр дарӕс ӕмӕ йыл ӕй скӕнут, къухдарӕн ын бакӕнут йӕ къухыл, йӕ къӕхтыл ын дзабыртӕ скӕнут.


Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у ӕмӕ дӕ Йе ’нӕкӕрон зӕрдӕхӕларӕй ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?


Афтӕмӕй сымах цӕут уӕ лӕмӕгъ ӕфсымӕрты тӕригъӕды, ардаут сӕ, се ’фсарм сын тӕрхон цӕй тыххӕй кӕны, уыдӕттӕ кӕныныл. Ӕмӕ уымӕй цӕут Чырыстийы хъыджы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan