20 Уыйадыл сыстад ӕмӕ ацыди йӕ фыдмӕ. Фыд ӕй дардмӕ ауыдта ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. Разгъордта йӕм, йе ’фцӕгыл ын ныттыхсти ӕмӕ йын батӕ кодта.
Фӕлӕ йӕм Исав базгъордта ӕмӕ йын фӕбатӕ ӕмӕ фӕхъӕбыстӕ кодта, стӕй дыууӕйӕ дӕр ӕмкуыд ныккодтой.
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йосеф йе ’фсымӕр Бениамины ӕфцӕджы ныттыхст ӕмӕ ныккуыдта. Йосефыл ныттыхсгӕйӕ, куыдта Бениамин дӕр.
уӕд Йосеф дӕр сифтыгъта йӕ уӕрдон ӕмӕ ссыди Гошенмӕ, йӕ фыд Израилмӕ. Йӕ цуры куы балӕууыди, уӕд йе ’фцӕджы ныттыхст ӕмӕ бирӕ фӕкуыдта.
Йоав паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ куы рафӕзмыдта, уӕд паддзах Авессаломмӕ фӕсидти. Уый ӕрбацыд ӕмӕ паддзахы раз зӕххыл ныддӕлгом ис. Паддзах Авессаломӕн аба кодта.
Сионы тыххӕй дӕр дзурдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым, ӕмӕ уыцы сахарӕн фидар бындур Бӕрзӕндтыл Бадӕг Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта».
Фӕлӕ Дунедарӕг загъта: «Мад йӕ дзидзидай хъӕбулы куыд хъуамӕ ферох кӕна, куыннӕ хъуамӕ фӕтӕригъӕд кӕна, цы сабийы ныййардта, уымӕн? Чи зоны ӕмӕ уый ферох кӕна йӕ сабийы, фӕлӕ Ӕз нӕ ферох кӕндзынӕн сымах.
Цытӕ кодтой, уый Ӕз дзӕбӕх уыдтон. Фӕлӕ сӕ ныр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл сараздзынӕн. Цы мӕстытӕ бавзӕрстой, уыдоны фӕстӕ сӕ барӕвдаудзынӕн, ныфс сӕ бауадздзынӕн.
«Ау, Ефрем Мӕ зынаргъ фырт нӕу? Ау, Мӕ уарзон хъӕбул нал у? Фыдбылызтӕ йын арӕх ӕвзарын кодтон, фӕлӕ Мӕ рох нӕу. Мысын ӕй, ныххатыр ын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Куыд дӕ ныууадзон, Ефрем? Гадзрахатӕй дыл куыд рацӕуон, Израил? Адмӕйӕн ци ми бакодтон, ахӕм ми уын куыд бакӕнон? Цевоимӕн цытӕ бакодтон, уыдӕттӕ уын куыд бавзарын кӕнон? Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, тынг уын тӕригъӕд кӕнын.
ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн, фӕлӕ мӕ де ’ххуырстытау исты куыстыл бафтау‘ “.
Фырт ын загъта: „Мӕ фыд, ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕларв ӕмӕ дӕ разы ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн“.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта сымахӕн ӕмӕ уӕ цотӕн, стӕй, дард чи у — нӕ Бардарӕг Хуыцау кӕмӕ сиды, ӕппӕт уыдонӕн».
Иууылдӕр куыдтой, йе ’фцӕгыл-иу ын ныттыхстысты ӕмӕ йын батӕ кодтой.
Сымах кӕддӕр дард уыдыстут, ныр та Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы баиу стут, ӕмӕ уӕ Йӕ Туг ӕрбахӕстӕг кодта кӕрӕдзимӕ.
Ӕмӕ куы ӕрцыди, уӕд ӕрхаста фидыды Фарны Уац сымахӕн, Хуыцауӕй дард чи уыди, уыдонӕн ӕмӕ Йӕм хӕстӕг чи уыди, уыдонӕн.