Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 15:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: „Мӕ фыдмӕ цас ӕххуырстытӕ ис, ӕмӕ хойрагӕй сӕ уӕлдай ныууадзынц, ӕз та ам стонгӕй мӕлын!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 15:17
19 Iomraidhean Croise  

Ӕрымыс Дӕ фидыд! Зӕххыл алы тар къуым дӕр байдзаг ис тыхмийӕ.


Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.


Мӕ фӕндагӕй иуварс куы фӕзылдтӕн, уӕд фӕсмон кодтон, зонды къахыл куы ’рлӕууыдтӕн, уӕд мӕхи хостон. Ме ’взонджы бонты худинаг мемӕ кӕй фӕхастон, уый тыххӕй фӕхудинаг ӕмӕ сӕгад дӕн».


Ӕрымысыд йӕ хъизӕмӕртты заман Йерусалим йӕ раздӕры хӕзнатӕ. Ныр саст ӕрцыд, ӕххуысгӕнӕг нӕ зыны, кӕсынц ӕм знӕгтӕ ӕмӕ худынц, кӕй фесӕфти йӕ хъару, ууыл.


Уымӕн ӕмӕ байгом сты йӕ цӕстытӕ, ӕмӕ ныууагъта йӕ фыдракӕндтӕ. Уый цӕрдзӕни, нӕ амӕлдзӕн.


Йӕ хӕзгулты фӕдыл азгъордзӕн, фӕлӕ сӕ нал аййафдзӕн, агурдзӕн сӕ, фӕлӕ сӕ не ссардзӕн. Ӕмӕ уӕд зӕгъдзӕни: «Цӕуон, мӕ фыццаг лӕгмӕ раздӕхон — уӕд мӕ цард абонӕй хуыздӕр уыд».


Лӕппу суанг хуыты хойрагӕй дӕр йӕ гуыбын бафсадыныл разы уыдаид, фӕлӕ йын уый дӕр ничи лӕвӕрдта.


Зындоны хъизӕмар кӕнгӕйӕ, уый йӕ цӕстытыл схӕцыд ӕмӕ дардмӕ суыдта Авраамы, йӕ фарсмӕ та — Лазыры.


Цы ӕрцыди, зӕгъгӕ, адӕм рафӕдис сты. Йесомӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ, дӕлимонтӕй чи фервӕзти, уыцы лӕджы, йӕ дарӕс — йӕ уӕлӕ, йӕ зонд — йӕхимӕ, афтӕмӕй Йесойы къӕхты раз бадгӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты.


Петр йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: «Ныр мӕ ӕцӕг уырны: Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта Ироды къухӕй, иудейаг адӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕппӕт уыдӕттӕй».


Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты, ӕмӕ фарстой Петры ӕмӕ иннӕ апостолты: «Цы гӕнгӕ нын у, не ’фсымӕртӕ?»


Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan